Майкл Карпентер - хъыгагæн, Гуырдзыстон у символ, куыд не ’ххæст кæны Уæрæсе йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон
Хъуамæ нын уа хæстæг партнерад Гуырдзыстонимæ, хъуамæ адарддæр кæнæм Гуырдзыстонимæ æфсæддон сферæйы æмгуыстад, кæцы иттæг ахсджиаг фарста у, хъæуы нæ æмгуыстад демократон хъæддыхдзинад сфидар кæныны – уый фæдыл OSCE-ы АИШ-ы минæвар Майкл Карпентер, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ эксклюзивон интервьюйы райхъусын кодта.
Минæвар куыд дзуры афтмæй, зæгъгæ скуыддзагæнæг у цæмæй Аиш æмæ Гуырдзыстон, куыд æмхъуыдыджын партнертæ æмæ бæстæтæ, фæарфдæр кæной æмгуыстад.
Уыимæ ма, Майкл Карпентеры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон дырыс цæвиттон у Уæрæсейы æрдгæй æнæсæххæст хæсты, кæцы 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдмæ æххæссы.
«Бирæ хатт рахæцыдтæн Гуырдзыстоны фарста размæ бадзырдты рæстæджы, уымæн æмæ Уæрæсейы хъуыдытыл æууæнк нæй. Уæрæсе дзуры, цæмæй рмæст сæрмагонд территорийыл мобилизаци кæны æфсæддон тыхтæ, кæцы афтæдæр æрцыд 2008 азы августы Гуырдзыстоны. Уæрæсейы уагахасты ахæм цæвиттон федтам уæдмæ дæр. Зонæм, цæмæй йæ бон у, спайда кна ай æппæтæй сусæг лæбурдæн. Фæлæ ныр, Украинайы цауы, цъус хуыздæр зонæм, цы ис гæнæн æрцæуа иннæ куыриты. Хъыгагæн Гуырдзыстон у æнæсыххæст хæсисты символ. Ис нын 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзырд, кæцы ацы афонмæ нæ сыххæст ис. Ацы бадзырд Уæрæсейæ домы, ракæна йæ æфсæддон тыхтæ казармæтæм, уыцы позицитæм, кæцыты ахстой 2008 азы хæсты размæ, Уæрæсе ацы бадзырд никуы сыххæст кодта. Уый бæсты, та оккупацигондæй дары Гуырдзыстоны 20 процент. Уый дæр тынг дзæбæх зондамонæн цæвиттон у» – райхъусын кодта минæвар.
Майкл Карпентеры фидиуæнæй, АИШ-æн Гуырдзыстонимæ хъуамæ уа хæстæгдæр партнерад.
«Пентагоны куы куыстон уæд райдыдтам территорион хъахъхъæнынады инициативæ Гуырдзыстонимæ иумæ, номхуындæй «Гуырдзыстоны цæттæдзинады программæ», уымæй тынг сæрыстыр дæн. Уый баххуыс ис Гуырдзыстонæн территориты бахъахъхъæныны. Хъуамæ адарддæр кæнæм Гуырдзыстонимæ æнгом æмгуыстад, кæцы иттæг ахсджиаг фарста у, афтæдæр нæхъæуы æмгуыстад демократи сфидар кæныны æрдгæй. Цас хъæддыхдæр у бæстæйы демократи, уый йас æмуд æмæ фидар сты йæ демократон институттæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ, бирæ вазыгджындæр нысанæй суыдзысты сæ бныкъахæг лæбурдтытæн, кæцытæ бæстæмæ иу хъавынц фæсарæнтæй, Уæрæсейæ кæнæ æндæр æрдгæй. Афтæмæй зæгхгæйæ, ис рад фарстатæ, кæцыты саразын нæ бон у æмæ мæ ныфс ис, ауындзыстæм прогресс. Скуддзаггæнæг у, цæмæй АИШ æмæ Гуырдзыстон, куыд æмхъуыдыджын парнертæ æмæ бæстæтæ, кæцытæ демократийы иузæрдыг сты, фæарфдæр кæной æмгуыстад» – райхъусын кодта Майкл Карпентер.