Майкл Карпентер -  Гуырдзыстоны хицауад тынг бæрнон архайы хъуыддаг йæ территоритæм- Абхаз æмæ Цхинвалы регионтæм куы æххæссы  уæд
Майкл Карпентер - Гуырдзыстоны хицауад тынг бæрнон архайы хъуыддаг йæ территоритæм- Абхаз æмæ Цхинвалы регионтæм куы æххæссы уæд

OSCE-ы АИШ-ы минæвар Майкл Карпентеры  фидиуæнæй, АИШ Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн хъæддых  йæ фарс  хæцы.

Майклы  Карпентер паддзахадон   департаменты  лæвæрд   пресс-конференцийыл, Гуырдзыстоны  дыккаг фронт ы гæнæн  байгомы  фæдыл  фарсты дзуаппæн райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстоны  хицауад   стыр  бæрнæй  архайы, хъуыддаг куы  æххæссы  Абхаз æмæ Цхинвалы регионтæм.

«Мах  хъуыды кæнæм цæмæй Гуырдызстоны  хицауад тынг бæрнон архайы  хъуыддаг  йæ территоритæм – Абхаз æмæ  Цхинвалы регионтæм куы æххæссы  уæд.   Цæй зæгъын æй хъæуы  хъæддых йæ фарс хæцæм   Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Ацы моменты, куыд æй зонут афтæмæй,  Гуырдзыстоны  бынатыл ис  Евроцæдисы  цæстдарæг мисси, OSCE та хайад исы  инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны  механизмты Абхаз æмæ Цхинвалы регионы  администрацион дихгæнæн хаххытыл.   Дарддæр кæнæм  ситуацийы  мониторинг» –  загъта Карпентер.

Майкл Карпентеры дзырдæй,   зæгъгæ Аиш  лæмбынæг йæ хъус дары  ацы   дæрргъвæтин конфликттæм.

«Ивгуъыд къуыри, Днестргæроны цалдæр агрессивон  стынд  æрцыд æмæ  дарддæр кæнæм ситуацийы  мониторинг.  OSCE-ы  мандат  æххæссы  Молдовæ, Днестргæрон æмæ йæ  алфæмбылай  æдасдзинады  ситуацийы  мониторингмæ. Цæй зæгъын æй хъæуы  нæ цæст дарæм  афтæдæр Карабахмæ, Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстонмæ» –   райхъусын кодта Карпентер.