Майкл Карпентер -  фæнды нæ æмæ  хъæугæ дæр  у, Гуырдзыстон уа  евроатлантикон  институтты
Майкл Карпентер - фæнды нæ æмæ хъæугæ дæр у, Гуырдзыстон уа евроатлантикон институтты

Фæнды нæ æмæ  хъæугæ дæр  у, цæмæй Гуырдзыстон уа  Евроатлантикон  институтты, – уый фæдыл  OSCE-ы  АИШ-ы минæвар  Майкл Карпентер  Тбилисы, æрвылазон æхсæнадæмон конференцийыл райхъусын кодта.

Карпентеры  дзырдæй,   зæгъгæ   уый  Гуырдзыстоны демократондзинады фæарфдæримæ иумæ  АИШ-ы националон интерестæм дæр цæуы.

«Октябры куы æнхъæлмæ кæсæм Еврокомиссийы хыгъдлæвæрдмæ æмæ афæдзы  кæрон   Евроцæдисы  Совет куы рахæсдзæн   уынаффæ  Гуырдзыстоны европаг фидæны фæдыл,  ацы период у  фадæтты  рудзынг.  Уый у рæстæг, бирæ куы  загътаит, цæмæй  хицауад хъуамæ  фæдывæр кæна  тыхархайд, цæмæй ссара фæндаг æмæ  ацы рудзынгæй спайда кæна.  Уымæн æмæ  ахæм цыдæр, гæнæн ис   кæцыдæр периоды  дæргъы мауал  разына.  Евроцæдис дырыс загъта, цы хъæуы уый тыххæй.  Ис 12  пункт.  Адон сты  медиаплюрализм,  расттæрхоны  хæдбарад,  деолигархизаци. Адон сты критикон къахдзæфтæ, кæцыты Гуырдзыстон хъуамæ сараза.

Фарстæ  афтæ лæууы,  цæмæй  кæд уый у дæ стратегион æрдæмад, кæд дæ фæнды, бæстæ ацы æрдæм ацæуа, уæд  хицауады алы ресурсы мобилизаци скæнын хъæуы  уый саразынæн.  Мах ацы тыхархайдимæ разы стæм, фæлæ уый  уæхæдæг хъуамæ саразат.  Гуырдзиæгтæ  стыр аргъ бафыстой  2008 азы  æмæ Евроатлантикон институттæм интеграцийы аккаг сты, уымæн æмæ  культуронæй,  историонæй, политиконæй  сты  европæгтæ.  Гуырдзыстон уый аккаг у куыд  демократи, бæрæг рыстытимæ, фæлæ демократи.  Мæх йын хъуамæ  баххуыс уæм, цæмæй уый æрцæуа, фæлæ афтæдæр хъуамæ  архайæт, цæмæй ацы фадат ма фесафæт», –  райхъусын кодта  Майкл Карпентер.