Майкл Карпентер - АИШ æмæ Евроцæдис иумæ хъуамæ феххуыс кæной Гуырдзыстоны хицауад оппозицийы æхсæн диалогæн
Дипломатийы æмæ глобалон бастдзинады «Пен Байдены Центры» фæткдæттæг директор æмæ АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары раздæры хæдивæг Майкл Карпентер, Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындты кой кæны.
Карпентер «Твиттеры» куыд фыссы, афтæмæй, зæгъгæ АИШ æмæ Евроцæдис иумæ хъуамæ феххуыс кæной Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицийы æхсæн диалогæн.
«Хъуыддаг Гуырдзыстонмæ куы æххæссы, уæд АИШ-æ æмæ Евроцæдис иумæ хъуамæ феххуыс кæной хицауад æмæ оппозицийы æхсæн диалогæн, ныттынггонд уавæры деэскалацийæн», – фыссы Майкл Карпентер.