Майк Помпео - президент Трампы æмæ АИШ-ы æппæт хицауады номæй хъусын кæнын, цæмæй Гуырдзыстон нæ фæхъуаг уыдзæн АИШ-ы æххуысæй НАТО-йы уæнгсуæвыны фæндагыл
Гуырдзыстоны тыхархайд мын фидар кæны уырнынад æмæ президент Трампы æмæ АИШ-ы æппæт хицауады номæй хъусын кæнын, цæмæй нæ фæцух уыдзыстут АИШ-ы æххуысæй НАТО-йы унг суæвыны фæндагыл – уый тыххæй АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ фембæлды фæстæ, иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар фæныхас кодта стратегион партнерады хартийы 10 азы юбилейы тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй юбилейон декларацийы, кæцы абон цæуы уагъд, бæрæг у дыууæфарсон ахастыты фидæны ардæмадтæ.
«Ныфс мæ ис цæмæй уый адарддæр уыдзæн къуындæг хæлар уагахасьтæй æмæ иумæйаг хæсистытыл æнцойæвæрд уыдзæн. Гуырдзыстон лидеры роль райста йæхимæ НАТО-йы аспирант æмцæдисоны рангы æмæ вæццæгæн ай у уыцы æфсонттæй иу, цæй тыххæй дæр афтæ къуындæг æмкуыст кæнæм. Президент Торамп алы нацимæ æрсидтис, фылдæр бацархайæт уый тыххæй цæмй глобалон сыдтытæн бахъом уой. Гуырдзыстон ацы æрсидты намсыджынæй æххæст кæны Афгъанистаны терроризмимæ тохы контексты. Ныр, уæ разы куы лæууæм æмæ ныхас кæнæм, 32 æхсарджын гуырдзиаг зонынц, цæмæй алцыппæт ауæлдай кодтой уый тыххæй, цæмæй америкаг æфсæддæттимæ иумæ фæрсæй-фæрстæм тох кæной сабырады тыххæй. Æмтгæй райсгæйæ 870 гуырдзиаг æфсæддон бахаста йæ хай НАТО-й ы сабырадон миссийы. Афгъанистанæй уæлдай ма, Гуырдзыстон алцыппæт аразы уый тыххæй, цæмæй йæ тыхтæ НАТО-йы æфсæддимæ интеграци скæной æнæсахъатæй. Ацы æрдгæй уæлæмхас размæцыд, гæ стратегион нысæнттæ дæр фæфидар кæндзæн, уымæн æмæ альянс дарддæр кæны Гуырдзыстонимæ æмкуысткæнынад Сау Денджызы регионон инциативæйы форматы дæр» – банысан кодта Майк Помпео.
Майк Помпеойы фидиуæны хæлиу кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.