Майк Помпео - Пастор Эндрю Брансоны ссæрибар кæныны тыххæй, АИШ-æ Туркæн гæнæн ис санкцитæ хайгай фæмацы кæна
Пастор Эндрю Брансоны ссæрибар кæныны тыххæй, АИШ-æ Туркæн гæнæн ис санкцитæ хайгай фæмацы кæна – уый фæдыл райхъусын кодта АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-ы санкциты хай комкоммæ баст сты пастор Брансоны хъуыддагимæ æмæ Вашингтон уынаффæ тагъд рахæсдзæн. Уæдмæ та Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр банысан кодта, цæмæй АИШ-ы паддзахадон нымæрдаримæ Анкарайы уагъд фембæлдыл санкциты аивыны æнæмæнгхъæугæдзинадыл æрныхас кодтой.
Америкаг пастор Турчы ахст уыдис 2016 азы фæстæ. Турчы хицауад Эндрю Брансоны аххосджын кодта фæфæлдæхты архайдимæ бастдзинады. Измыры тæрхондон патсоры ссæрибар кодта 12 октябры.