Майк Помпео – Не ‘ргомзæрдæ æрвитæггаг абон ахæм у, АИШ хъæддыхæй æнцой дары Гуырдзыстонæн, ацы æххуыс у æнæцудгæ æмæ афтæ адарддæр уыдзæн
Америкæйы иугонд штатты æргомзæрдæ æрвитæггаг абон ахæм у, АИШ хъæддыхæй æнцой дары Гуырдзыстонæн, æмæ ацы æххуыс у æнæцудгæ æмæ афтæ адарддæр уыдзæн – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Майк Помпео Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилиимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Гиорги Квирикашвилийæн раарфæ кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Демокративон Республикæйы 100 азы сæр.
«Ивгъуыд азы июлы вице-президент, Майк Пенс Тбилисы куыд райхъусын кодта афтæмæй, уæ фарсмæ стæм, æмæ тынг сæрыстыр стæм ацы хæларадæй æмæ стратегион партнерадæй у адæмимæ иумæ. Тынг райгонд дæн, абон Америкæ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады камисы æстæм сессийы кæй аразæм. Ацы аз афтæдæр нысаниуæгджын у ноджыиу æфсонæй, 2018 азы 10 азы сæххæст уыдзæн Уæрæсе Гуырдзыстонмæ кæй бабырста уыцы афонæй. Америкйæы Иугонд Штаттæ, иунасанонæй фауы Урæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты оккупацийы. Уæрæсейы тыхмион лæбурд Гуырдзыстонмæ у æхсæнадæмон сабырады æмæ æдасдзинады саст, йæ ныхмæ цæуы ИНО-йы æмæ Хельсинкийы уынаффæтæн. Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæ – Абхази æмæ Хуссар Ирыстон сты Гуырдзыстоны æнæдихаг хæйттæ» – райхъусын кодта Помпео.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдары фидиуæнæй, АИШ-æ æнцой дары Гуырдзыстоны тиерриторион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй разы арæнты фæлгæтты.
«Мах сидæм Уæрæсемæ сæххæст кæна 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста æмæ акæна йæ æфсад конфликты размæ цы позицитыл лæууыд уырдæм, афтæдæр фæстæмæ асида Гуырдызстоны регионты Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нымадмæ райсты скуыддзаг» – райхъусын кодта Майк Помпео.
Гуырдзыстоны прмьер-министр, Гиорги Квирикашвили АИШ-ы паддзахадон департаменты паддзахадон нымæрдар Майк Помпеоимæ фембæлд.