Майк Помпео НАТО-ы министртимæ иумæ æркæсдзæн, Гуырдзыстон æмæ Украинæйимæ НАТО-ы ахастыты фæарфдæр кæныны фарста
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео НАТО-йы министериалы райсдзæн хайад. Помпео альянсы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртимæ иумæ, æндæр фарстатæй уæлдай ма, сегасæй ахсджиагдæр партнертимæ иумæ Гуырдзыстон æмæ Украинæимæ НАТО-ы ахастыты фæарфдæр кæныны фарста æркæсдзæн. Уый фæдыл дзырдæуы АИШ-ы паддзахадон департаменты официалон минæвары Хизер Науэрты фидиуæны.
Паддзахадон департаменты хъусинагæй, министериалы хайадисджытæ кæсынц июлы саммиты райсгæ боны фæткъы сæххæсты цы прогрессмæ баххæссыдысты уый. Уагдоны хъусинагæй, Майк Помпео Брюсселы ноджы иу хатт баздæхдзæн альянсы уæнгтæм, иумæйаг тасæй хибахизынæн æмбæрц бæрн райсæт сæхимæ, кæцы 2024 азмæ альянсы уæнгæн, хъахъхъæнынады къабазы хардзтæ, æмтгæйон мид продукты 2 %-æй фæфылдæр кæнын нысан кæны.
Минстртæ афтæдæр æркæсдзысты транс-атлантикон æдасдзинады фарстатæ, НАТО-ы операциты æмæ партнердзинад, сæ нымæцы нысаниуæгджын партнертимæ, Гуырдзыстон æмæ Украинæимæ НАТО-ы ахастыты фæарфдæр кæнын» -дзырдæуы паддзахадон департаменты фидиуæны.