Майк Помпео -Иран дунейы сайы
Майк Помпео -Иран дунейы сайы

Майк Помпео -Иран дунейы сайы

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы ныхасмæ гæсгæ, Израилы бавдыстгонд документтæ Ираны ядерон программайы фæдыл æвдисы, цæмæй Иран сайы.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Израилы æвдыст бæлвырдгæнджытæ æвдисынц, цæмæй 2015 азы Иранимæ ауæрæхгонд бадзырд нæ сыххæст ис.

«Израилы бавдыстгонд документтæ Ираны ядерон программайы фæдыл æвдисы, цæмæй Иран сайы» – банысан кодта Помпео.

Ираны æттаг хъуыдтæгты министр – Беньямин Нетаньяху уыцы лæппуйы æнгæс у, кæцы хъæр кæны – бирæгъ , бирæгъ

Ираны æттаг хъуыдтæгты министр Джавад Зарифы раисдæнмæ гæсгæ, Израилы аххосæгтæ ядерон программайы фæдыл рагон сты æмæ уый фæдыл ивгъуыды ИНО-йы къахдзæфтæ уыдысты ист.

Twitter -ы сæрмагонд фарсыл рапарахатгонд раисдæны Ираны æттаг хъуыдтæгты министр Израилы премьер-министры зноны ныхасæй рацыдæн саргъ кодта.