Майк Помпео Гиорги Гахариайæн - Æххуыс уын кæнæм демократийы фарстæты, иумæ кусæм уыцы темæтыл, кæцы уæ бæстæйы оккупацийæ равзæргæ рыст æмæ зындзинæдтимæ сты баст
Æнæхъæн Дуне æмæ уый нымæцы Гуырдзыстон, сты Китайæ рацæугæ вирусы æртъхъирæн раз. Уымæн иумæ бафæраздзыстæм, нæ адæмыл бацауæрддзыстæм æмæ экономикæ скусын кæндзыстæм, кæцы иттæг нысаниуæгджын у уæ бæстæйы, регионы æмæ Дунейы фарнæн – загъта АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео, Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариамæ фембæлды рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ АИШ æмæ Гуырдзыстонæн, 30 азы дæргъы диссаджы хæлар ахастытæ ис.
«Цытджын премьер-министр, тынг райгонд дæн ам кæй дæн, уымæй. Иттæг нысаниуæгджын фарстатæ æркæсдзыстæм æмæ сымах цы аспекттæ ранимайдтат, уыдон æмбæлгæйæ банысан кодтам. Нæ дыссаджы хæларон ахастытæ нырид 30 аз у, цы даргъ кæнынц. Уæ фарс хæцæм декмократон фарстæты æмæ иумæ кусæм уыцы фарстæтыл, кæцы уæ бæстæйы оккупациййæ равзæргæ рысты æмæ зындзинæдтимæ сты баст. Алцыппæт сараздзыстæм фидæны дæр уæ бæстæйы демократизацийы процессæн баххуыс кæнынæн, институттæ стынг кæнынæн, кæцы ахсджиаг у сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæн æмæ алцыппæт уымæн, хæрздискуссийæ æмæ демократийы цы равзæры, уыдæттæн. Бузныг уын фысымдзинадæн. Аргъ кæнын ацы фадатæн æмæ райгонд дæн сымахимæ фембæлдæй», – банысан кодта Майк Помпео.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министр пресс-куыст.