Майк Помпео - Гиорги Гахариаимæ фæныхас кодтам фæззæджы, сæрибар, рæстаг æмæ рухсдзыд æвзæрстытæ ауадзыны нысаниуæгыл
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ тилифонæй ныхасы рæстæджы афæлгæстой сæрибар, рæстаг æмæ рухсдзыд æвзæрстытæ ауадзыны нысаниуæг.
Помпео социалон хызаг «Твитеры» сæрмагонд фарсыл публикацигонд посты мидæг афтæдæр æнцой дары Гуырдзыстоны суверенитеты раз.
«Абон гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахэариаимæ фæныхас кодтам цæугæ азы фæззæджы, сæрибар, рæстаг æмæ рухсдзыд æвзæрстытæ ауадзыны нысаниуæгыл. Кæддæриддæр уыдзыстæм Гуырдзыстоны суверенитеты сæрылхæцæг Уæрæсейы оккупацийы ныхмæ» – фыссы Помпео.
Гиорги Гахариа æмæ Майк Помпеойы æхсæн телефонæй ныхас уыд. Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фарсытæ стратегион партнерады сæйраг фарстатæ æркастысты.