Майк Помпео августы хæстæй 10 азы сæрыл, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн хъæддых æнцойад бæлвырд кæны
Гуырдзыстоны президент Гиорги Мргвелашвилийы æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы æхсæн абон сырæзт телефонæй ныхас.
Гуырдзыстоны президенты администрацийы пресс-куысты информацийæ, Мак Помпео ноджы иу хатт сбæлвырд кодта АИШ-ы хъæддых æмæ æнæцудгæ æнцойад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн.
Уагдоны хъусинагæй, АИШ-ы паддахадон нымæрдар бахахх кодта ома АИШ-æ никуы бафидаудзæн Гуырдзыстоны территориты оккупациимæ æмæ фидæны дæр баххуыс кæндзæн Гуырдзыстонæн уыцы сидтыты бахъом уын, кæцы Уæрæсейы æрдгæй æфсæддон агрессийы 10 азы фæстæ, нырма дæр ис.
«АИШ-æ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны сабырадон инициативæтæн æмæ конфликты сабырадонæй аскуыддзагы æрдæм тыхархæйдтытæн.
Фæнысан ис Гуырдзыстоны фидæны демокративон райтынгы нысаниуæг æмæ бахахх ис президенты сæрмагонд рол æмæ хайбавæрыд бæстæйы демокративон райтынгы процессы» банысангонд у президенты админстрацийы пресс-куысты ахæлиугонд информацийы.
Уыйимæ иумæ ма, Гуырдзыстоны президент бузныг загъта Майк Помпеойæн Америкæйы хъæддых фарсхæцыны тыххæй. Гиорги Маргвелашвили банысан кодта, цæмæй ацы æнцойад сæрмгаондæй банкъаринаг у, Дональд Трампы администрацийы æрдгæй æмæ æрымысыд уыцы нысаниуæгджын ныхас, кæцы Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы президентты æхсæн, Брюсселы, НАТО-йы саммитмæ визиты рæстæджы сырæзт. Фæрстæ афтæдæр æруынаффæ кодтой НАТО-йы саммитыл баххæсгæ бадзырдты реализацийы конкретон фæндæгтыл.
Президенты администрацийы пресс-куысты информацийæ, Гиорги Маргвелашвилийы æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æхсæн телефонон ныхас, сырæзт Майк Помпеойы инициативæйæ.