Майк Пенс - радон гигантон къадзæфы афон у, америкæгтæ мæймæ хъуамæ æрыздæхæт
Æввахс фондз азы мидæг америкæгтæ мæймæ хъуамæ æрыздæхой – ацы фидиуæн АИШ-ы вице-президент Майк Пенс сарызта.
«Иуæй-иутæ зæгъдзысты цæмæй зæгъгæ уый æнцон нæу, зынаргъ у, фæлæ раст уый дзырдтой 1962 азы дæр. Ныр Америкæйы иугонд Штаттæн ис президент, кæцы у бæллицдарæг, кæцы æмбары, цæмæй ай у быцæусидт, æмæ мах уымæ баххæссын хъом стæм æмæ нæ фæнды» – райхъусын кодта Майк Пенс.
Ацы аз 50 аз æххæст кæны, адæймаг фыццаг къахдзæф кæй сарызта мæйыл уыцы бонæй. Астронавт кæцы мæймæ атахт уыд Нил Армстронг.