Майк Пенс курсфæудгондтæн - цæттæ ут, цæмæй уыл чырыстон дины тыххæй худдзысты
Америкæйы Иугонд Штатты вице-президент, Майк Пенс, курсфæудгондтæм баздæхт æмæ сын загъта, цæмæй зæгъгæ цæттæ хъуамæ уой, цæмæй сыл сæ дины тыххæй худдзысты. Уый фæдыл Пенс, Тейлоры университеты студенттæм сидты рæстæджы райхъусын кодта. Информацийы хъусын кæны «Юэсэй тудей».
Пенсы дзырдæй, зæгъгæ курсфæудгондтæ хъуамæ сцæттæ кæной сæхи уыцы быцæусидтытæм, кæцытæ сын цæттæ кæнынц сæ дины тыххæй Голливуды, Медийы æмæ галиу тыхтæ.
«Уыдон кæцытæ толерантондзинадыл сеппæтæй хъæрæй дзурынц, традицион чырыстон дины æрдæм каддæр толерантон сты» – райхъусын кодта АИШ-ы вице-президент.
Пенсы дзырдæй, йæ бинойнаг «ссис гуырымыхъхъ лæбурдтыты объект, чырыстонон скъоайы аивады ахуыргæнæгæй куы куыста уæд».
«АИШ-ы историйы чырыстонæй уæвын кæддæриддæр æнцон уыд. Ничи никуы ахъуыды кодтаит, цæмæй уæ, гæнæн ис исчæ йæхи дард айса кæнæ та уыл бахуда Библийы сæрыл дзурыны тыххæй. Ныр алцыппæт бынтон æндæргъуызон у» – райхъусын кодта Майк Пенс.