Майк Пенс 2024 азы президентон æвзæрстыты сæрмагонд кандидатурæ бавдисдзæн

09:31, 01.06.2023

АИШ-ы  раздæры  вице-президент  Майк Пенс  2024  азы  президентон  æвзæрстытæм сæрмагонд  кандидатурæ  иннæ  къуырийы,  7 июны раразмæ кæндзæн, –  уый фæдыл информаци  хъусын кæны «АВС Ньюс».

Рауагъдады  хъусинагæй, Пенс Айовайы штаты  фарсхæцджыты раз,  разæвзарæнон кампанийы  сырæзт  видеойæ мæ æраныхасæй   ралæудзæн.

Майк Пенс  вице-президенты пост  Трампы  администрацийы ахста. Президенттæм кандидат у  Америкæйы 45-æм президент  Дональд Трамп дæр. Урс Хæдзары бынат бацахсынæн  афтæдæр  тох кæнынц  Флоридæйы  губернатор Рон Десантис  æмæ  архайæг  президент Джо Байден.

Хуыздæр