Майк Пенс - АИШ фæстæмæ хъæддых йæ фарс хæцы Украинайæн Хъырымы тыххæй
АИШ фæстæмæ хъæддых йæ фарс хæцы Украинайæн Хъырымы тыххæй – уый фæдыл АИШ-ы вице-президент Майк Пенс райхъусын кодта.
Украинайы президентимæ фембæлды размæ, Майк Пенс нæ фæныхас кодта ахæлиугонд информацийыл, цæмæй Дональд Трамп Украинайæн 250 милуан доллары аргъы æфсæддон æххуыс æруромын хъавы.
АИШ-ы вице-президенты дзырдæй, дыууæ бæстæйы ахастытæ амæй тыхджындæр никуы уыдысты.
«Мах адарддæр кæндзыстæм Украинаг адæмы фарсмæлæуд æдасдзинады æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдгæй, уый нымæцы Хъырымы æрдгæй, Украинайы закъонон домæнтæм гæсгæйæ», – райхъусын кодта Пенс.
Вашингтон Киевы сæйраг æмцæдисон у, кæцы Хъырымы анексийы тыххæй æмæ Украинайы скæсæны сепаратистты фарсхæцыны тыххæй Уæрæсейæн санкцитæ сфидар кодта.