АИШ-ы минæвæртты палатæйы спикер, Майк Джонсон президентон æвзæрстыты Дональд Трампы уæлахиздзинад æрæмных кæны æмæ расидтис, цæмæй америкæгтæ бæстæйы фервæзын кодтой.
Майк Джонсон куыд ныффыста, афтæмæй Америкæйы адæм сæ ныхас загътой.
«Мах фервæзын кодтам Америкæ, америкаг адæм дзырдтой сæ ныхас». Президент Дональд Трамп æмæ сенатор Джей Ди Вэнс Урс Хæдзармæ æрбахæццæ сты. Мах цæттæ стæм америкаг адæмæн бакусын» – фыссы Майк Джонсон.
АИШ-ы 5-æм ноябры уагъд æрцыдысты 60-æм президентон æвзæрстытæ, кæцыты фæстиуæгæн æвзæрст æрцыд 47-æм президент. Ныртæккæ раззаг бынаты ис республикаг кандидат Дональд Трамп, æвзарæн коллегийы рамбулынæн цы хъæлæстæ хъæуы, уыдон рамбылдта.