Майя Миминошвили - ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, дæс минæй фылдæр ахуыргæнинагæй минималон компетенцийы арæныл ахызт 98 процент
Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центры къухдариуæгæнæджы, Майя Миминошвилийы фидиуæнæй, ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, 10 минæй фылдæр ахуыргæнинаг рацыд фæлварæнтæм.
Афтæдæр йæ ныхæстм гæсгæ, уыдонæй минималон компетенцийы арæныл ахызтысты 98%.
Афтæма, Миминошвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, æнæгуырдзиагæвзагон скъолаты ахуыргæнинæгтæ, кæцытæ дыккаг предметæй дæттой гуырдзиаг æвзаг, уыдоны фæкъуыхцыйы уынинаг æгæр бæрзонд у зæгъгæ æмæ 6% æххæсы.
Сæумæрайсомæй фæлварæнтыл исты техникон сахъаты тыххæй та Майя Миминовшили загъта, цæмæй иунæг проблемæ сырæзт Мцхетайы æртæ скъолайы, цыран ацы рæстæгмæ, ахуыргæнинæгтæн нæй интернет, цæй æфсонæй дæр экзаменацион процесс нырма нæ райдыдта зæгъгæ.
Миминошвилийы ныхæстæм гæсгæ проблем цыбырдæр æмгъуыдтæм аскуыддзаг уыдзæн.
12-æм кълассы рауадзæн фæлварæнтæ абон райдыдта. 2017-2018 ахуырадон азы скъолайы рауадзæн фæлварæнтæ 20 майы, гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы, афтæдæр географийы ацæудзæн. Абон фæлварнæтæ ратдзысты гуырдзиаг æвзаджы уыцы ахуыргæнинæгтæ, кæцытæ гуырдзиаг æвзаг сывзæрстой дыккаг æвзагæй.
21 майы фæлварæнтæ 12-æм кълассæгтæн, фæсарæйнаг æвзæгты æмæ биологийы уыдзæн, 22 майы истори æмæ физикъæйы, æрмæст 23 майы математикъæ æмæ физикъæйы.
Фæлварæнты фæстаг боны фæлварæн уыдзæн химийы.