Майя Цкитишвили «Вашингтон Таймсимæ» интервьюйы - Ис нын тынг бæрнон æмбæстæгтæ æмæ бафæрæзтам вирусы ныхмæ стох кæнынмæ реалонæй стæм цæттæ
Махæн ис тынг бæрнон æмбæстæгтæ æмæ бафæрæзтам нæхи бацæттæ кæнын, цæмæй вирусæн бахъом уыдаиккам, – уый фæдыл Гуырдзыстоны вице-премьер, Майя Цкитишвили «Вашингтон Таймсимæ» интервюйы загъта.
Америкаг рауагъдады статийы сæргондæй – «Коронавирусы ныхмæ æнтыстджын истори: Гуырдзыстон» Майя Цкитишвили æмбарын кæны, цæмæн баххæссыд Гуырдзыстоны коронавирусы ныхмæ тохы æнтыстмæ.
Статийы автор банысан кодта, цæмæй Дунейы коронавирусы пандемийы, Италийы, Испанийы, Францы æмæ АИШ-ы сырæзт уæззау уавæры фоныл, бæрæг куыд у, афтæмæй, медийы хъусдарды иннæ фарс фæцис уый, цæмæй «Ковид-19» ныхмæ тохы ис æнтыстджын историтæ æмæ уыдонæй иуæй-иу сегасдæр бæрæг дæнц у Гуырдзыстон.
Автор фыссы, цæмæй Уæрæсейы æмæ Турчы сыхаг Гуырдзыстоны, кæцыйы цæрджытæ 3,75 милуан сты, коронавирусæй æрмæст фондз адæймаг амард.
Журналисты фарстыл, зæгъгæ цы æрцыд арызт Гуырдзыстоны Дунейы æндæр бирæ ранæй хъауджыйæ, Майя Цкитишвили дзуапп дæтты, цæмæй цалдæр хъауджыдæрдзинад ис.
«Фæнысангонд æртъхъирæнæн дзуапп раттам уымæй, æмæ йæ сæрыфыццагæй райстам серьозонæй. Иуы æрдгæй тынг раджы райстам скуыддзæгтæ, иннæ рдгæй та, лæмбынæг нæ хъус дардтам æнæнизхъахъхъæды сферæйы профессионалтæм», – банысан кодта Цкитишвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æхсæнадимæ коммуникацийы рæстæджы, хицауад хъæугæ хъусдардæй æмæ фæдфæдонæй, дырысæй архайдта коронавирус кæм ахæлиу ис, уыцы рæтты. Майя Цкитишвили куыд дзуры, афтæмæй процессы сеппæтæй нысаниуæгджын хай уыд уый, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджытæ иумæ архайдтой.
«Тынг бæрнон æмбæстæгтæ нын ис æмæ ахæм æмахасты фæрцы бафæрæзтам, цæмæй вирусы ныхмæ тохмæ уыдаиккам цæттæ», – банысан кодта Майя Цкитишвили.
Статийы автор фыссы, цæмæй зæгъгæ гæнæн ис, гуырдзиаг адæм æнæнхъæлæджы æртъхъирæнæн бахъом уын æмæ хицауадмæ бакоммæ кæсынмæ хуыздæр цæттæ уыд, æндæр бирæ бæстæты цæрджытæй хъауджыйæ. Публикацийы банысангонд у, цæмæй гуырдзиæгты фæстаг дыууæ фæлтæры рацыдысты бирæ конфликт æмæ зындзинад, куыд бæстæйы мидæг, афтæ æддаг тыхтимæ. Авторы дзырдæй, 1990-æм азты райдайæны, советон цæдисы ныппырхы фæстæ, Гуырдзыстон уыд ног бархи паддзахад æмæ фыццаг лидеры сывзарынæй уайтагъд рахызт мидхæстмæ, кæцыйы фæстиуæг фæзындис бæстæйы æмбæстæгтыл. Афтæма банысангонд у, цæмæй 2008 азы Гуырдзыстон æимæ Уæрæсейы æхсæн фондзбонон хæст уыд.
«Гуырдзыстон тынг вазыгджын рæстæг бавзæрста, уый тыххæй дæр зындзинæдты рæстæджы цæрын дарддæр кæнын æмæ адаптацийы хъæуындзинад, кæй зæгъын æй хъæуы, баиу стæм æмæ фæтыхджындæр стæм», – загъта Майя Цкитишвили.