Анаклиайы æрфдойнаг порт, цæй зæгъын æй хъæуы уы европаг проект æмæ уæлæмхас фадат Европаг æмæ Азиаг бизнесментæн, цæмæй уыдон кæрæдзиимæ хъуыддаг сбæттой Гуырдзыстоны фæрцы – уый тыххæй, Гуырдзыстоны вице-премьер, регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министр Майя Цкитишвили, «Скæсæн Партнерады» 10 азы сæрмæ нывонд форумы фæлгæтты уагъд иуæй-иу сессийы дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Министры ныхæстæм гæсгæ, паддзахад Анаклиайы порты проекты фæрс рахæцынæн тыхархайд нæ уромы.
«Нысаниуæгджын у, сбæттæм нæ æфсæнвæндагон инфраструктурæ портытимæ, кæцæй фæстæдæр нæхи сбæтдзыстæм Европæимæ. Ай у уæлæмхас фадат Европаг, Азиаг бизнесментæн, цæмæй кæрæдзиимæ æмкуыст кæной Гуырдзыстоны уылты. Цы нæ бон у саразан у уый цæмæй хицæн консорциумæн рахæцæм йæ фарс, хицæн бизнесæн, кæцы баст у ацы проекты сæххæсты æмæ уый хæлиу кæны куыд финансон афтæ политикон тыхархайд, аразæм бадзырдтæ уый тыххæй, цæмæй бамбырд кæнæм хъæугæ бæрцæй суммæтæ æмæ нæ тыхтыл нæ ауæрдæм, цæмæй сеппæтæй хуыздæр аууæлттæ скæнæм, йæ къух саразæм инвестортæн ацы проекты сæххæсты.
Уый тынг вазыгджын у, фæлæ цыфæнды цауы, уырнæг дæн, цæмæй хицæн инвестортæ æмæ алы цымидисджын фарс бæрæг коммерцион рискъыл ацæудзæн æмæ рахæсдзæн уынаффæтæ, кæцытæ нейтрализаци скæндзысты ацы рискъытæ. Паддзахад та алцыппæт сараздзæн, цæмæй пайдаджын бындур сараза ацы проекты сыххæсттæн» – райхъусын кодта Майя Цкитишвили.