Цицишвилийы номыл сабион клиникæйы медицинон директоры Майя Чхаидзейы фидиуæнæй, ацытæккæ клиникæмæ пациентты сидт фылдæр респираторон вирусты инфекциты цаутимæ сты баст.
Афтæма йæ дзырдæй, рабæрæг ис коронавирусы бæлвырд цаутæ дæр.
«Ацытæккæ сидтыты фылдæр сты респираторон вирусты инфекциты тыххæй. Сеппæтæй фылдæр ахæлиу ис ацы периоды А тип гриппы вирус. 40 пациенты онг æрбаздæхынц æнæаргъæвгæ æххуысы хайадмæ 24 сахаты дæргъы. Гриппы вирусæй дарддæр, афтæдæр ахæлиу ис респираторон синицитивон вирус, кæцы сæрмагондæй уæззау вæййы 0-æй 2 азы онг кары сывæллæтты, бронхиолиты диагнозæй. Ахæм пациенттæн хъæуы госпитализаци. Ис аденовирусон инфекцитæ æмæ тынг арæх у хæдзары ахæлиугонд пневмони, кæцы у гриппы фæкарз. Райдайы гриппы вирусон клиникæйæ æмæ стæй ахизы пневмонимæ. Ацы этапыл респираторон инфекциты æмæ пневмонийы тыххæй, 45-ы онг пациент ис нæ клиникæйы», – райхъусын кодта Майя Чхаидзе.
Майя Чхаидзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, ахуырадон процессы сногы фæстæ цауты нымæц тынг фæфылдæр уыдзæн. Уый тыххæй Майя Чхаидзе алкæмæ гриппы ныхмæ вакцинацимæ сиды.
«Æцæгæй едзаг у госпиталон сектор, сывæллæтты æрдгæй. Ныййарджытæй курæг стæм , цæмæй кæмæн нæй гриппы ныхмæ вакцинаци, нырма ис гæнæн саразын, уымæн æмæ пик нырма нæ ныллæууыд. Ахуыры процессы сногы фæстæ, фылдæр цаутæ уыдзæн. Пик, цауты нымæцы рæзт уыдзæн январмæ. Уый тыххæй вакцинацигонд чи нæу, уыдонмæ сидын, цæмæй алчи саразæт гриппы ныхмæ вакцинæ», – райхуъсын кодта Майя Чхаидзе.