Майамийы хиды æркалды фæстиуæг цыппар адæймаг фæмард, 10 та фæцæф

Майамийы хиды æркалды фæстиуæг цыппар адæймаг фæмард, 10 та фæцæф.

Уый фæдыл информаци reuters парахат кæны. Флоридайы æппæтдунеон университеты фистæгæй цæуджыты хид бынæттон рæстæгæй 13:30 сахатыл æрхауд. Бынатыл ацы рæстæгмæ аххæуысгæнæг бригадæтæ кусынц.

Хид, автомобилон фæндагы сæрыл уыд амад. Хæлдтыты бын аст автомобил фæцис. Хиды амад нырма фæуд нæ уыд. 950 -тоннайы уæзы конструкци Майамийы цалдæр боны размæ самадтой.