Мæнæуы æмæ æссады амалиуæгдæртты ассоциаци – бæстæйы мæнæуæй ифтонгады æрдгæй ницы проблемæ ис
Мæнæуы æмæ æссады базары стабилонæй куысты æмæ бæстæйы мæнæуæй æнæкъуылымпыйæ ифтонгады фæдыл Гуырдзыстоны мæнæуы æмæ æссады амалиуæгдæртты ассоциаци публикаци кæны фидиуæн.
Мæнæуы æмæ æссады амалиуæгдæртты ассоциацийы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, абон уæвæг уавæрæй мæнæуæй ифтонгады æрдгæй ницы проблемæ ис.
«Гуырдзыстоны куыройкомбинатты æмæ элеваторты ис дыууæ мæйы фаг хæлцадон мæнæуы фæстауæрц, кæцы хардзы параллелонæй иудадзыгæй баххæст вæййы æмæ уый у æнæаскъуынгæ процесс. Гуырдзиаг фермертæм уæлæмхасæй ис æвæрд иу мæйы фаг хæлцадон мæнæу. Мæнæуы аргъ дунейы æмæ регионон базарыл у стабилон. Бæстæйы æнæкъуылымпыйæ æмæ æгъгъæд бæрцæй цæуы æххæст мæнæуы æмæ æссады импорт» – банысангонд у фидиуæны.