Мадриды гуырдзийаг организгонд аххосаг къорды цыппар уæнг æрцахстой
Мадриды гуырдзийаг организгонд аххосаг къорды цыппар уæнг æрцахстой

Мадриды гуырдзийаг организгонд аххосаг къорды цыппар уæнг æрцахстой

Гуырдызстоны мидхъуыдтæгты министрады централон криминалон полицийы департамент æмæ Испанийы мидхъуыдтæгты министрады националон полициимæ иумæ, горæт Мадриды  гуырдзийаг организгонд аххосджын къорды цыппар уæнг æрцахстой. Цыппар дæр сты Гуырдызстоны æмбæстæгтæ.

Фæдагуырды информацимæ гæсгæ, аххосаг къорды уæнгтæ горæт Мадрид æмæ æвахс територийыл цæрæн хæдзæрттæ стъыхтой.

Гуырдызстоны мидхъуыдтæгты министрады информацийæ барадхъахъæнджытæ ахстгондты хæдзæртты джигулы фæстиуæг стыр нымæцæй давд æрмæджытæ æмæ фараст хæцæнграз систой.

Минитсрады информацийæ, снысангонд хъуыдтагы инициатор уыд Гуырдызстоны мидхъуыдтæгты министрад, кæцы испайнаг коллегатæн оперативон информаци алæвæрдта криминалон къорды æмæ йæ куысты фæдыл.

Гуырдызстоны мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны активон æмкуыстдзинад европон колегатимæ.