Парламенты раздæры уæнг æмæ богал ветеран Лука Куртанидзейы ахст у – уый фæдыл мидхъуыдтæгты министрады сбæлвырд кодтой.
Мидхъуыддæгты министрад куыд хъусын кæны афтæмæй, Лука Куртанидзейы аххосагæй ахст у бинонты æхсæн тыхмийы æмæ хъахъæды бардзырды нысангонд домæнтæ æмæ хæстæ нæ сæххæст кæныны аххосагæй.
Куртанидзе ахст у Гуырдзыстоны уголовон кодексы 126 æмæ 381 статьямæ гæсгæ.
Абон социалон медийы ахæлиу ис видео, кæцымæ гæсгæ Лука Куртанидзе йæ раздæры бинойнаг Хатуна Макацадзейæн физикон цæфтæ æрхаста.