Луиза Винтон – Нæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг дзæбæх у, Панксиы Комы конфронтаци, бадзырдтæй ивд кæй æрцыдис уый, æнхъæлмæ кæсæм æвæрццаг фæстиуджытæм
Адæммæ фундаментон бар ис, протест равдисой, фæлæ æнæтыхмийæ, кæннод та, полици, æдадсзинады тыхтæ хæсджын сты сабырад бахъахъъæнын, æнæ уæлдайджын тыхæй – уый фæдыл райхъусын кодта ИНО-йы минæвар Гуырдзыстоны Луиза Винтон, Панкисы Комы быцæудзинадыл ныхасы рæстæджы.
Луиза Винтон куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ æнæмнгхъæуæг у баланс инфраструктурæ арæзтады æмæ цæрджыты æрдгæй, æрдз бахъахъъхæныны архайды æхсæн.
«Мах тынг сагъæс кæнæм сырæзт уавæрæй, уæлдайдæр тыхмидзинадæй. Фæнды нæ дыууæ цыдæр бадарæм нæ зæрдыл ацы уавæрæй. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, Панкисы комы бадзырдтæ фæивдтой конфронтаци, æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм æвæрццаг фæстиуджытæм. Гидроэлектростанцæйы тыхæхй та, гидроэнерги нæу къахгæ , ома уый тыххæй дæр нымад цæуы цæъх энергийыл æмæ гæнæн ис банымайын климатон ивдты рискъы фæлмæгæнæг факторæй, фæлæ афтæдæр баст у æрдзыл æндæвдадимæ. Ацы æндæвдад хъæуы тынг лæмбынæг аргъ скæнын. Арæзтад райдаыны размæ, хъæуы дзыллæимæ ныхас кæнын. Мах уынæм цæмæй æнæмнгхъæуæг у баланс инфраструктурæ арæзтады æмæ цæрджыты æрдгæй, æрдз бахъахъъхæныны архайды æхсæн, кæцыйæ афтæ номдзыд у Гуырдзыстон» – райхъусын кодта Луиза Винтон.