Лондоны Гуырдзыстоны минæварадæн бæстыхай балхæнын 3.5 милуан фунт сбаддзæн
Лондоны Гуырдзыстоны минæварады бæстыхай балхæнынæн 3 520 000 фунт стерлинг бахардз уыдзæн. Ацы нысанæй нырид уагъд æрцыд хицауады барамынд кæцыйыл къух бафыста премьер-министр мамука Бахтадзе. Суммæ рауæлдай кæндзæн фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Сæйраг хардзæй дарддæр, 105 мин фунт рауæлдай уыдзæн маклерон лæккадæн.
Æлхæнгæ бæстыхайы æрбынат кæндзæн Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы Иугонд паддзахады Гуырдзыстоны минæварад æмæ æхсæнадæмон денджызон организацийы Гуырдзыстоны иугæндзонархайæг минæварад.
Лондонæй дарддæр дипломативон минæварады бæстыхайы балхæд план кæны Страсбургы. Ацы нысанæй 2018 азы бюджетæй æдæппæт 21 милуан лари рауæлдай ис.
Суммæйы хай минæварадты куыстимæ баст æндæр хрдзтыл дæр цæуы нымад.