Ллойд Остин - Фæнды мæ æргомæй æмæ дырысæй сфиксир кæнын, АИШ фауы Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты оккупаци, æмæ æндæр æмæ æндæр механизмтæй Сау Денджызы æндæвдад сфидар кæнеыны архæйдтытæ
АИШ-ы хъахъъхæнынады нымæрдар Ллойд Остин Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, ома Гуырдзыстонмæ йæ визит АИШ æмæ Гуырдзыстоны æнгом парнерады бæрвырдгæнæн у.
«Цытджын премьер-министр иу фарста мæ фæнды æргомæй æмæ дырысæй сфиксир кæнын: Америкæйы Иугонд Штаттæ фауы Уæрæсе æрдгæй Гуырдзыстоны территориты оккупаци æмæ æндæр æмæ æндæр механизмты фæрцы, Сау Денджызыл æндæвдад самал кæныны архæйдтытæ. Ай у нысаниуæгджын регион æмæ йæ æдасдзинад æмæ стабилондзинад иттæг нысаниуæгджын у нæ иумæйаг цæстæнгасы практикон сыххæстæн – иугонд, сæрибар æмæ сабырадон æхсæнады уæвынæн.
Уый тыххæй, ноджы иу хатт уын арфæ кæнын. Иугонд Штаттæ иузæрдыг у стратегион партнерад бахъахъхъæныны идеяйимæ. Æхсызгон мын у Гуырдзыстонмæ визит» – райхъусын кодта Ллойд Остин.