Люк Коффи - афон у, НАТО йæ зæрдыл бадарæт Турчы уынаффæ æмæ Гуырдзыстонæн раттæнт уæнгад
«НАТО йæ зæрдыл хъуамæ бадарæт Турчы уынаффæ æмæ Гуырдзыстонæн ратта альянсы уæнгы статус» – ахæм сæргондæй æрцыд публикацигонд туркаг телекомпани «Теертейы» веб-платформæйыл америкаг иртасаг организаци «Херитидж Фаунейшены» æддагон политикæйы центр директоры, Люк Коффийы фыстæг.
Америкаг иртасагы хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны куыд НАТО-йы æнæфæсайсгæ æмцæдисоны репутаци æмæ йæ геостратегион нысаниуæг цæгат-атлантикон альянсы бæстæйы уæнгады æрдæм, фидар аргумент у.
Люк Коффи Давосы Дунейы экономикон Форумыл Турчы фæсарæн хъуыддæгты министры, Мевлут Чавушогълуйы куырдиат æрымысыд, кæцы НАТО-йы уæнгтæм æрсидтис альянс ауæрæхдæр кæнынмæ æмæ НАТО-мæ Гуырдзыстоны райсынмæ. Чавушогълу январы куыд банысан кодта афтæмæй, ныгуылæйнаг партнертæ зæгъгæ нæ разы кæнынц Гуырдзыстоны НАТО-мæ бахуындимæ, уымæн æмæ сæ зæгъгæ нæ фæнды Уæрæсейы смæсты кæнын.
«Фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълу раст уыдыис куы райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ «нын Гуырдзыстоны хуызæн æмцæдисон æнæмæнгхъæугæ у». Гуырдзыстон у иттæг ахсджиаг альянсæн цалдæр сæйраг аххосагæй. Фыццаджы дæр, Гуырдзыстон у фæлтæрд æмæ æнæфæсайгæ æмцæдисон. 2012 азы , НАТО-йы уæнгтæй бирæ бæстæтæ Афгъагнистанæй рацæуæны æрдæм куы фæцæйлыгъдысты, Гуырдзыстон уырдæ,м миссийы хайад райсыны тыххæй, уæлæмхасæй сæдæгай æфсæддоны арвыста. Афгъанистаны Гуырдзыстоны хайбавæрды пикыл, уымæ, бæстæйы сеппæтæй тæссаг Хелманды æмæ Хъандагары провинцимæ æрвыст уыд дыууæ минæй фылдæр æфсæддон. Абон Гуырдзыстонæн Афгъанистаны дислоциргонд сты 900 æфсæддоны, цæмæй дæр уый НАТО-ы ахуыргæнæн миссийы ставддæр æнæуæнг контрибутор у. Дыккагы рдгæй, Гуырдзыстоны стратегион равæрд уый НАТО-йæн тынг нысаниуæгджын кæны. Ацы нысаниуæг, Туркæй хуыздæр æмбарæг бæстæтæ тынг цъус ис. Хуссар Кавказы уæвæг Гуырдзыстон у цæрынæн нысаниуæгджын географион æмæ культурон алвæндаг æмæ æнусты дæргъы сбæлвырд кодта, цæмæй стратегионæй сегасæй нсаниуæгджындæр у æфсæддон æмæ экономикон цæстæнгасæй» – фыссы Коффи.
Фыстæджы авторы дзырдæй, зæгъгæ абон Гуырдзыстоны стратегион равæрд раздæронау нысаниуæгджын у. Гуырдзыстоны территори, инфраструктурæ, логистикон фадæттæй, пайда кæнынц НАТО-ы тыхты æмæ уаргъты Афгъанистанмæ транспортацийæн.
Люк Коффийы хъуыдымæ гæсгæйæ, альянсмæ Гуырдзыстоны бахуынды, иуæй-иу сегасæй мæтæфтауæг фарст у Уæрæсейы æрдгæй бæстæйы территорийы 20 проценты оккупаци.
«Уæрæсе пайда кæны Цхинвалы æмæ Абхазы регионты оккупацийæ куыд сеппæтæй хуыздæр фæндаг, цæмæй Гуырдзыстоны, НАТО æмæ æндæр æхсæнадæмон организациты æддæйæ фæуадза. Уый у Мæскуыйы къухты уæвæг де-факто вето æмæ уый нæрайсгæу»- банысан кодта «Херитидж Фаунейшены» æддагон политикæйы центр директор.
Амондæн иуæй-иутæ æрхъуыды кодтой Уæрæсеимæ хæст марайдайгæйæ Гуырдзыстоны НАТО-мæ райсты креативон фæндæгтæ. Иунæг фарст ма баззад, ис сæм æви нæ атлантикæйы дыууæдæр фарсæй лидертæм политикон фæнд æмæ креативондзинад, цæмæй Гуырдзыстоны, НАТО-йы уæнгæй суæвын, реалондзинадæй скæной»- фыссы Люк Коффи.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Территорион æнæхъæнзинадæн хъуамæ цыт кæнæт алчи æмæ иунæг æддæ хъазæгæн (ацы цауы Уæрæсейæн) ма хъуамæ уа бар, сæвæра вето НАТО-ы æнгæс организациты уæнгадыл кæнæ та семæ ахастытыл».
Люк Коффийы дзырдæй, Гуырдзыстон трансформаци скодта йæ гарзджын тыхтæ æмæ хъæддых йæ фарс хæцы НАТО-йы фæсарæйнаг операцитæн нæ фæлæ ма йæхæдæг НАТО-йæн. Гуырдзыстоны æфсæддон кусджытæ стыр хайбавæрд скодтой Иракъы æмæ Афгъанистаны мисситы, афтæдæр сæдæгай сабырадхъахъхъæнæг истой хайад Балканты æмæ Африкæйы мисситы.
«Уæрæсейы интервенцийы æмæ йæ фæстиуджыты фæстæ дæр, Гуырдзыстон нæ зæгъгæ нæ кодта Ныгуылæнимæ æрыввахсыл. Уымæй Гуырдзыстон баис трансатлантикон æдасдзинады нысаниуæгджын контрибютор. Афон у, альянс уæнгады фарстайыл прогрессмæ æрхæццæуа, йæ зæрдыл бадара фæсарæн хъуыддæгты министр Чавушогълуйы уынаффæ æмæ райса Гуырдзыстон НАТО-мæ» -фыссы Люк Коффи.