Льежы æрцæугæ инциденты тыххæй, Бельгийы полици, Фыццаг Къаналы журналисты Лика Алелишвилийы æрфарста
Бельгийы сахар Льежы полицийы, Фыццаг Къаналы журналисты Лика Алелишвилийы æрфарстой «Националон Змæлды» фарсхæцджыты зноны æмбырды рæстæджы æрцæугæ инцидентмæ гæсгæ.
Лика Алелишвилийы дзырдæй, барадхъахъхъæнджытæ йын загътой цæмæй полици цымидис кæны Конгрессы кæнты æрцæугæ быцæудзинадæй, кæцыйы рæстæджы дæр иуæй-иу уæнг, цывзы спреййæ журналистты æмæ эмигрантты хайы ныхмæ спайда кодта.
«Фæдлагурджытæ бацымидис кодтой знон æрцæугæ инцидентæй. Фарстой мæ, кæд зыдтон чи уыд уыцы уæнг, кæцы цывзы спрей акалдта, цæуылдæр сын дзуапп раттон, цæмæй йæ нæ зыдтон, фæлæ мах цы къадртæ айстам уым йæ идентификаци гæнæн ис зæгъгæ. Барадхъахъæнджытæ мæ æркуырдтой адæттаин сын видеоæрмæджытæ»- райхъусын кодта Лика Алелишвили.
Бельгийы сахар Льежы, Конгрессты кæнты знон Гуырдзыстоны раздæры президент æмæ Одессæйы раздæры губернатор Михеил Саакашвили, «Националон Змæлды» фарсхæцджытимæ фембæлд.
Фембæлдыл хайад райсыны фадат нæ фæцис эмигрантты хайæн. Сæхæдæг куыд дзурынц афтæмæй, зæгъгæ сæ фæндыд хъауджыдæргонд хъуыды разæгъын , цæй тыххæй дæр сæ фембæлдмæ нæ бауагътой. Залмæ бацæуыны рæстæджы, дзырдæй мæ æ физикъон быцæудзинад æрцыд, кæцы рæстæджы дæр «Националон Змæлды» фарсхæцджытæ цывзы спрейæ спайда кодтой. Лика Алелишвили ацы рæстæджы професиион хæстæ æххæст кодта.