Леван Жоржолиани – Гуырдзыстоны хицауад «Хорз хицауады индексы» историон бæрзонд снысан кодта æмæ 100 процентæй 61 проценты балл райста
Гуырдзыстоны хицауад «Хорз хицауады индексы» историон бæрзонд снысан кодта, 100-æй 61% райсгæйæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны хицауады администрацийы сæрдар Леван Жоржолиани расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад æргомдзинады æрдгæй 12-æм, тæрхондонон системæйы гъæды æрдгæй 27-æм, бюрократийы гъæды æрдгæй 25-æм бынатыл ис, инвестициты æрбангом кæныны æрдгæй та цыппæрæм бынатыл ис.
Леван Жоржолианийы ныхæстæм гæсгæ, раиртæст Европæйы къамис ныммыхуыр кодта, кæцы йæхи рады æнцой кæны профилон раиртæстытыл æмæ дунеон банкъы, ÆÆМ-ы, Æхсæнадæмон Экономикон Форумы æмæ æндæр авторитетон æхсæнадæмон организациты хыгъдлæвæрдтыл.
Хорз хицауады индекс аргъ кæны хицауадтæн 35 бæрæггæнæнмæ гæсгæ, кæцытæ дихгонд сты авд факторыл – къухдариуæгад æмæ развæлгъау зонындзинæдтæ, фидар закъæттæ æмæ политикæ, фидар институттæ, финансон хицауиуæгад, æлвасæг базартæ, дунеон æндæвдад æмæ репутаци, æмæ адæмы цард фæхуыздæр кæнынæн æххуыс.
Гуырдзыстоны хицауады информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад æнæхъæн дунейы масштабæй æнæнхъæлæджы бæрзонд рейтингтæ баххæсыд ахæм бæрæггæнæнтæй – æргомдзинад (12-æм бынат), къухдариуæгад æмæ рагацау зонындзинæдтæ (32-æм бынат), дæргъвæтин перспективæ (16-æм бынат), адаптаци (11-æм бынат), координаци (24-æм бынат), тæрхондоны гъæд (27-æм бынат), брукратийы гъæд (25-æм бынат), бизнесы стабилон регуляцитæ (15-æм бынат), æмæ инвестицитæ æрбангом кæнын (4-æм бынат). Хорз хицауады индекс аразы дунейы раззагдæр æхсæнадæмон аргълæвæрды центр, Чандлеры институт, æмæ йæ æрвылаз дæр рауадзы Европæйы къамис.