Леван Ратиани – Нæ клиникæйы ковидинфекцийæ фæрынчынуæвæг тынг уæззау пациенты уавæр бирæ хуыздæр у
Университетон клиникæйы ног коронавирусæй фæрынчынуæвæг фыццаг пациенты, кæцыйы уавæр иттæг уæззау уыд, гæнæн ис рынчындонæй сом рафыссой.
Клиникæйы къухдариуæггæнæгы Леван Ратианийы куырдиатæй, пациенты уавæр бирæ хуыздæр у, фыццаг басгæрсты фæстиуæгæн, уымæн ковидинфекци нал фæбæрæг ис, фæлхатгæ тест та 24 сахатмæ сараздзысты.
«Фыццаг фæрынчынуæвæг пациент, соматонæй уæззау, уыдис сегасæй уæззаудæр уавæры уæвæг пациент нæ клиникæйы, ацы этапыл йæ уавæр бирæ хуыздæр у. Фыццаг басгæрсты фæстиуæгæн, «PCR» тестæй уымæн ковидинфекци нал фæбæрæг ис, фæлхатгæ тест та 24 сахатмæ сараздзыстæм, æмæ нæ ныфс ис, цæмæй сом ацы сылгоймагы рафыссдзыстæм клиникæйæ. Ноджы иу дæнц уыйы, цæмæй ковид марæг нæу, ацы слыгоймагы дæнцыл у мæ бон уый зæгъын»,- райхъусын кодта Ратиани.