Леван Ратиани - Бæстæйы æппæт масштабæй сегасæй уæззаудæр пациент, абон æнæнизæй æздæхы хæдзармæ
Фыццаг Университетон клиникæйы директор, Леван Ратиани хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ сылгоймаг, кæцы Гуырдзыстоны æппæт масштабæй коронавирусæй фæрынчынуæвджытæй сегасæй уæззау пациентыл нымад цыдис, абон рандидзыд æмæ клиникæйæ йæ хæдзармæ ацæудзæн.
«Пациенты уавæр йæ æрбацыды моментæй уыдис иттæг уæззау, критикон уыд, уыдис рæуджыты аразгæйæ вентилляцийы аппаратыл æбаргъæвд, тынг йын зын кодта улæфт. Фæнды мæ, алкæмæн зæгъын, ацы сылгоймагы абон рафыссдзыстæм æмæ йæ ауадздзыстæм хæдзармæ. Кæнæ та гуырдзиаг медицинæйы ноджы иу уæлахиздзинадыл мæ фæнды банымайын, цæмæй ахæм пациент сдзæбæх ис, бынтон ссæрибар ис вирусæй цыппæрдæсæм бон æмæ йæ клиникæйæ афысдзыстæм. Уый цæй зæгъын æй хъæуы клиникæйы медперсоналы сгуыхтдзинад у æмæ мæ фæнды уый тыххæй сын бузныг зæгъын, чидæриддæр абон нæ къорды ис æмæ уыцы къазармон режимæй кусы, кæцы уæвæг этапыл архайы клиникæйы» – райхъусын кодта Леван Ратиани.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм анамнезы цауы, леталон фæстиуæг вæййы 97 проценты.
«Знон æцæгдæр амондджын уыдыстæм алчи, ахæм пациенттæн аргълæвæрды нысанæй, кæцымæ гæсгæ, фæнысангонд цау 97 проценты леталон фæстиуæгæй хуъамæ фæуыдаит.Фæлæ амондæн – фервæзтис. Æнæниздзинад Хъахъхъæнынады Æппæтдунейон Организацийы протоколмæ гæсгæйæ, дыууæ къуырийæ ахиздзæн хæдизоляцимæ æмæ адарддæр кæндзæн йæ цард, ныры онг куыд цардис – афтæ»- банысан кодта Леван Ратиани.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ацы жтапыл 83 пациент ис сæ клиикæйы. Уыдонæй 19 фæрынчынуæвджытæ сты, иннæтæ та цæстдарды бын сты.