Леван Мачъавариани – «Гуырдзиаг бæллиццы» ног сæрдар уыдзæн ахæм адæймаг, кæцыйæн æнæхъæн парти сæрыстырæй йæ фарс рахæцдзæн
«Гуырдзиаг бæллиццы» сæрдар уыдзæн уыцы адæймаг, кæцыйæн æнæхъæн парти стыр сæрыстырдзинадæй йæ фарсыл рахæцдзæн – уый фæдыл парламентон фылдæры хайы уæнг Леван Мачъавариани расидтис.
Мачаварианийы ныхасмæ гæсгæ, партийы ног сæрдар ныры курс адарддæр кæндзæн.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, ног сæрдар «Гуырдзиаг бæллиццы» фæндараст кæндзæн уыцы фæндагыл, кæцыйыл цæуæм». Нæ сæйраг цæджындз у, цæмæй мах хъахъхъæнæм нæхи æмæ æппæт дæр аразæм, цæмæй нæ бæстæ уа хæдбар – мах бæлвырд кæнæм нæ бæстæйы суверенитет. «Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уыдæттæ уыдзысты райдайæн уыцы фæндагыл, кæцы дарддæр кæндзæн партийы ног сæрдар», -расидтис Леван Мачъавариани.