Леван Къоберидзейы  информацийæ, ног фракцийы номхуынд уыдзæн  «Хæдбар Депутат» æмæ уымæн къухдариуæг кæндзæн Мариам Джаши
Леван Къоберидзейы информацийæ, ног фракцийы номхуынд уыдзæн «Хæдбар Депутат» æмæ уымæн къухдариуæг кæндзæн Мариам Джаши

Хæдбар депутатты  парламентон  фракцийы   сæрдар,  Мариам Джаши  уыдзæн.   Уый фæдыл журналисттæн   фехъусын кодта депутат  Леван Къоберидзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  фракцийы  номхуынд уыдзæн  «Хæдбар Депутат».  Къоберидзе   дзуры, цæмæй   фракци   уыцы   темæтыл  бакусдзæн,   кæцы  цæрджытæн уыдзæн нысаниуæгджын.

«Ныфс мæ ис,  фракцитæ  сараздзысты  æндæр хæдбар депутаттæ  дæр, цæмæй  парламентон  куыст  бирæгъуызон  уа», –  райхъусын кодта  Леван Къоберидзе.

Фракцийы  уæнгтæ  уыдзысты: Леван Къоберидзе, Гедеван  Попхадзе, Къоба  Нарчемашвили, Леван Гогичаишвили,  Мариам Джаши æмæ Звиад  Къвачъантирадзе.