Шиндисы хæстæй 11 аз рацыд. Гуцырдзыстоны хъахъхъæнынады министр, Леван Изориа 2008 азы 11 августы хæсты рæстæджы Шиндисы хъæуы цур æхсарджынæй фæмардуæвæг гуырдзиаг æфсæддæтты нæмттæ ссардта, мемориалмæ дидингуытæ бахаста æмæ фæмардуæвæг æфсæддæтты бинонтимæ ангыхас кодта.
ХЪахъхъæнынады министримæ иумæ, гуырдзиаг æхсарджынты ном ссардтой Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты сæргълæууæг, генерал-лейтенант Владимер Чачибаиа æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты минæвæрттæ.
Министр афтæдæр бацыд Сыгъдæг Гиоргийы номыл аргъуанмæ Хуыцаумæ скуывдмæ æмæ Гуры æмæ Атъены митрополит Андриа сæххæст кодта скуывд æмæ хъайтарты мемориалы цур сæ удтæн панихидæ ауагъдта.
Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны хъахъъæнынады министрад.