Леван Изориа – премьер-министры визит уыдзæн Гуырдзыстонæн Германийы фарсдарын стынг æмæ сфидар кæныны фадат
Нысаниуджын у Европæйы, Брюсселы фæстæ Гуырдзыстоны премьер-министры официалон визит Берлинмæ, кæцыйы фæлгæтты Ираклий Къобахидзе фембæлдзæн йæ коллегæимæ, цытджын канцлеримæ, – райхуъсын кодта Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Германийы Федерацион Республикæйы Леван Изориа.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ визит дыууæфарсон ахастытæн ног импульс ратдзæн.
«Канцлеры офисы премьеры райсдзысты æфсæддон кады æгъдауæй, афтама Гуырдзыстоны хицауады сæрдарæн уыдзæн фадат, фембæла Федералон президентимæ æмæ Бундестагы президентимæ. Германи фæстаг азты Гуырдзыстонæн фарсхæцæг лидер бæстæйæ Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл æмæ ацы визит уыдзæн фæнысангонд фарсдарыны стынг кæныны æмæ сфидар кæныны уæлæмхас фадат. Сæйраг темæтæ нæ бæстæйы интеграцийы фæндагыл сыххæст реформæты æмæ уыцы фараст приоритеты æркæсын уыдзæн, кæцытæ æнтыстджынæй цæуынц æххæст. Уырнæг дæн, цæмæй визиты фæлгæтты афтæдæр уæлæмхас импульс сæвзæрдзæн дыууæфарсон ахастытæ сфидар кæнынæн, уый нымæцы экономикон ахастыты цæстæнгасæй.Фидæн къуырийы нын уыдзæн афтæдæр ГуырдзыстонГерманийы экономикон форм, афтæмæй æмгуыстады спектр уыдзæн кастгонд, куыд геостратегион цæстæнгасæй, афтæ иумæйаг расидтыты æрдгæй регионы.
Германиы Федерацион Республикæ фæактивон ис афтæдæр регионы сабырады æмæ стабилондзинады сфидар кæныны цæстæнгасæй æмæ, кæй згъын æй хъæуы, нæ æмхайад куыд лидер бæстæйы, кæцыйы фæнды суа аккаг уæнг европаг иугонды, у иттæг нысаниуæгджын. Ацы ахастыты ног, бæрзонддæр этапмæ схæцыны æнхъæлц нæм ис», – загъта Леван Изориа.
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе официалон визитæй Германимæ араст ис.