Леван Изориа- хæдзар лæвæрд æрцæудзæн алы æфсæддонæн, кæй разы дæр паддзахад хæсджын уыд
Æфсæддон службæгæнджыты мыздтæ æмæ социалон уавæртæ фæхуыздæр кæнын, ацы аз дæр хъахъъхæнынады минстрады приоритетон ардæмад у, – уый фæдыл хъахъъхæнынады министр Леван Изориа райхъусын кодта.
Министр цæрæнуаттæм гæсгæ политикæйы рдæм раздæхта хъусдард æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ уагдон 2019 азы ацы рдæм йæхимæ цы хæстæ райста уыдон æххæст кæнын райдайы.
«Нæхимæ райстам хæс æмæ ацы хæстæ æххæст кæнын райдайæм 2019 азы, цæмæй алы æфсæддон кусæгæн раттæм хæдзар, кæй разы дæр паддзахад контракты бындурыл хæсджын у, уыдонæн. Афæдз райдайæм уымæй, æмæ Гуры куыд уыд, афтæ Тбилисы дæр æфсæддон службæгæнджыты егхау бæрц райсдзысты цæрæн уаттæ æмæ 2020 азмæ ацы хæсист кæронмæ сыххæст кæндзыстæм», – райхъусын кодта хъахъæнынады минстр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ис финансон фæрæз, цæмæй алы æфсæддон, кæцытæм цæрæн уаттæ сæ контрактмæ гæсгæ æмбæлынц, уыдон иууылдæр райсæт хæдзар.