Леван Изориа – Цыфæнды эмоцион уæт Уæрæсейы æрдгæй фидиуæнтæ, æнæмæнгхъæугæ у стратегион рардтæ у æмбаргæйæ æмæ фидарзæрдæйæ æххæст кæнын
Уæрæсейы æрдгæй фидиуæнтæ мæ нæ фæнды махæн эмоцион уой, æнæмæнгхъæугæ у уазал сæрæй сæххæст кæнын уыцы стратегион рард, кæцы нæ бæстæ, цæрджыты барæвзарæй фæбæрæг кодта, – уый фæдыл Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Леван Изориа журналисттæн загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауады политикъæйы сæйраг хай у, максималонæй æрфидар уа регионы сабырад æмæ æдасдзинад.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, нæ политикъæйы сæйраг миниуæг у уый, цæмæй максималонæй бафидар кæнæм сабырад æмæ æдасдзинад регионы. Уый нымæцы фæнысангонд ахуыр «Agile Spirit» растдæр ацы политикæйы иуæй-иу нысаниуæгджын хай у. Уый тыххæй дæр æнæкæсгæ уымæ, цæмæй цы фидиуæнтæ нæм цæуынц æмæ цыфæнды эмоцион ма уой ацы фидиуæнтæ махæн, æнæмæнгхъæугæ у æмбаргæйæ æмæ фидарзæрдæйæ уыцы сæйраг стратегион рардтæ сæххæст кæнын, кæцыты нæ бæстæ фæбæрæг кодта, цæрджыты барæвзарæй æмæ кæцытæ приоритетон сты растдæр нæ хицауадæн. Ацы политикъæ, æнæкæсгæ хицæн фидиуæнтæм, фидæны дæр адарддæр кæндзыстæм», – райхъусын кодта Изориа.