Леван Иоселиани – Саакашвилийы  ссæрибар кæныны барадон бындур  нæй, уый нæу нæдæр фыццаг æмæ нæдæр æппынфæстаг ахæст нæхæрын чи расидтис уыдонæй
Леван Иоселиани – Саакашвилийы ссæрибар кæныны барадон бындур нæй, уый нæу нæдæр фыццаг æмæ нæдæр æппынфæстаг ахæст нæхæрын чи расидтис уыдонæй

Михеил Саакашвилийы  уавæрмæ  сæ хъус æрдардзысты.  Уымæн ис хисæрмагонд дохтыр дæр  æмæ æфхæрдæххæстгæнæг  департамент дæр ахæлиу кодта фидиуæн, цæмæй   йæ мониторинг кæнынц, æмбæлгæ  хъусдард йæм  уыдзæн  –  уый фæдыл  парти «Æмбæстæгты» цæнг  Леван Иоселиани  райхъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  нæхæрын Саакашвилийы ахæстонæй ссæрибар кæнынын бындурæй  нæй  гæнæн  бауа.

«Алы  ахæсты, сæ нымæцы Михеил Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæрыл кæй  зæгъын æй хъæуы  бæрнон у  æфхæрдæххæстгæнæг  департамент  æмæ уымæ гæсгæ дæр, паддзахад,  фæлæ  рох ма хъуамæ кæнæм уый, цæмæй  æвзæрстыты дыккаг  тур ис  æмæ сæйраг темæ нæу уый,  цы хъуамæ уаид.  Сæйраг темæ  нæу кандидаттæй  Тбилисы  тыххæй  ныхас.  Хæдзæрттæ пырх кæнынц æмæ уый  кой ничи кæны.  Ацы æрдæм хъуамæ уа  сæйраг дебаттæ.  Михеил Саакашвилийы  уавæрмæ æркæсдзысты.  Уымæн ис  хисæрмагонд дохтыр дæр  æмæ æфхæрдæххæстгæнæг  департамент дæр ахæлиу кодта фидиуæн, цæмæй   йæ мониторинг кæнынц, æмбæлгæ  хъусдард йæм  уыдзæн.

Ацы этапыл  йæ ссæрибар кæныны  барадон бындур нæй. Нæхæрын нæй  гæнæн  бауа  йæ ссæрибар кæныны бындур. Кæд ахæсты  æнæниздзинады уавæр  уæззаудæр кæны, уыйы  фæхæццæ кæнынц   специалон   уагдонмæ. Ай у  стандартон   процедурæ  æмæ  йын бахъом уыдзысты.  Михеил Саакашвили  нæу фыццаг æмæ   нæдæр æппынфæстаг ахæст у, нæхæрын чи расидтис уыдонæй» – райхъусын кодта Леван Иоселиани.

Бакой уын кæндзыстæм, Гуырдзыстоны  раздæры президенты сæрмагонд дохтыр, Николоз Хъипшидзе  райхъусын кодта, цæмæй Михеил Саакашвилийы  æнæниздзинады уавæр фæфыддæрдæр ис.

Информаци ахæлиу кодта  специалон пенитенцион куыст дæр,  кæцымæ гæсгæйæ, Михеил Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæр  æвæрццаг у  æмæ раст нæу информаци, цыма  йæ  уавæр фæфыддæрдæри.