Леван Иоселиани – алы оппозицион парти цæттæ у Украинамæ ацæуынмæ

14:13, 11.04.2022

Хъыгаг уыдзæн, «Гуырдзиаг Бæллицц»  йæ  къухæй  куы  ауадза   шанс æмæ   хайад ма райса парламентон   визиты, кæцыйы  план кæнæм оппозици, ныццæуæм бучамæ æмæ мæсæллытæ зæгъæм  Укранайы хицауадæн –  уый фæдыл  парти  «Æмбæстæгты»  уæнг Леван Иоселиани  райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, визит  политикон  бонвæткмæ не  ххæссы.

«Фæцæуæм   цæмæй  мæсæллытæ зæгъæм.  Ай нæу  политикон  бонвтæкмæ хаугæ  визит,  кæд  исчи уымæй  исты æнæархæстдзинад хаты, фæлæ  не мбарын цæмæн хъуамæ  хата.  Уæддæр мæ ныфс ис, цæмæй  парламентон делегаци  æххæстæй  уыдзæн бавдыст, уый нымæцы  хицаугæнæг парти  дæр  роайсдзæн хайад.   Гуырдзиаг-украинаг ахастытæ никуы  уыдысты  ахæм ныллæг æмвæзадыл,  абон куыд сты.  Уый мæнæн тынг хъыгаг у  цæй зæгъын æй хъæуы ацы   хъуыддаджы  нæ хицауады  хайбавæрд дæр ис, аххос дæр, кæцыйы рараст кæнын  ъхæуы.

Вæццæгæн  ацы къуырийы  фæстагмæ деталты тыххæй   æрныхас  кæндзыстæмæ æмæ уын зæгъдзыстæм, кæд   ацæудзыстæм.  Мах ныццæудзыстæм Украинамæ æмæ нæмæнгæй  зæгъдзыстæм мæсæллытæ  украинаг адæмæн, Украинайы  хицауадæн» – райхъусын кодта  Леван Иоселиани.

Хуыздæр