Леван Иоселиани  акцийы æрцахстуæвджыты  бæрæгдзау  уыд
Леван Иоселиани акцийы æрцахстуæвджыты бæрæгдзау уыд

Загэсы  изолятормæ æрбаластой  æхсæз уæнгы,  абон  сæ федтон уыдоны, сæ дыууæ   амонынц  физикъон  зиæнттыл, цæуылдæр  æмбарынгæнæн куырдиат фыссы  нæ  минæвар æмæ  уымæ æмбæлгæйæ, ацы информаци арвитдзыстæм  специалон фæдагурæг  куыстмæ – уый фæдыл  адæмон барты сæрылдзурæг  Леван Иоселиани  райхъусын кодта.

Омбудсмены дзырдæй,зæгъгæ  тæккæ абон  ацæудзæн  изоляторы уæвæг æндæр æрцахстуæвджыты бæрæгдзау дæр.

«Æнæхъæн æхсæвы дæргъы  нæ  минæвæрттæ  уыдысты   развæлгъау ахсты  уагдæтты цур.   Зонæм, цæмæй  иу адæймагы фæцæхæццæ кодтой  Бокериайы  клиникæмæ. Уырдгæй  фæцæуын  Дигъомы изолятормæ, цы ран   афтæдæр аст уæнгы сты.  Уыдоныл  дæр фембæлдзынæн.  Фæнды мæ  уыдонæй мæм уа информаци, цы уавæрты сæ æрцахстой.  Ам кæй  федтон,  уыдонæй дыууæ аомнынц   зиæнттыл  æмæ иуæн йæ цæсгомыл  зыны, дыккаг йæхæдæг дзуры  цæмæй йыл нæ зыны» – райхъусын кодта  Иоселиани.