Леван Давиташвили къух бафыста декларацийыл интернеты фидæны фæдыл
Гуырдзыстоны вице-премьер, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Леван Давиташвили онлайнформаты хайад райста АИШ-ы националон æдасдзинады уынаффæгæнæг, Джейк Саливаны фысымдзинадæй ацæугæ министериалы, кæцы рæстæджы уый, Гуырдзыстоны номæй, АИШ-ы, Автсралийы, Канадæйы, Еврокомиссийы, Япони æмæ Иугонд Паддзахады минæвæрттимæ иумæ, къух бафыста декларацийыл интернеты фидæны фæдыл (Declaration for the Future of the Internet, DFI). Къухбафыст АИШ-ы, Урс Хæдзары гибридон форматы ацыд.
«Декларацийæн йæ нысан у демократон системæтæн баххуыс æмæ алкæцы æмбæстагы активон хайадæн къухацаразын демократон процессты, гоймаджы конфиденциалондзинад хъахъхъæдад сифтонг кæнын, æдас æмæ æууæнкаг бастдзинад бахъахъъæнын, адæймаджы барты хъахъхъæ æмæ онлайн/цифрон экосистемæйы йæ цыт, сæрибар æмæ конкурентхъом глобалон экономикæ сифтонг кæнын æмæ а.д.
Декларацийы фарсхæцæг партнертæ æмкуыст кæнынц æмбæстагон дзыллæимæ, индустриимæ æмæ æндæр æмьæлон интересджын фарсытимæ декларацийы бавдыст принцпитæ сæххæст кæныны нысанæн. Уыдон афтæдæр разы сты æмæ къух аразынц дарддæры сæйраг принциптæ хъахъхъæдадæн: адæймаджы бартæ æмæ сæйраг сæрибардзинæдтæ, рæувадат глобалон интернет, инклюзивон æмæ рæувадат интернет, æууæнк цифрон экосистемæйы, интернеты бирæфарсон фæткдæттынад», – дзырдæуы экономикæйы министрады информацийы.