Леван Давиташвили Кишинеуйы Гуырдзыстон-Молдовæйы æхсæнхицауадон экономикон комиссийы рабадты куысты райста хайад
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министр Леван Давиташвили Гуырдзыстон-Молдовæйы æхсæнхицауадон экономикон комиссийы рабадты куысты раста хайад.
Дыууæ бæстæйы æхсæнхицауадон экономикон комиссийы рабадт нырид дыккæгæм хатт цæуы – фыццаг хатт уый Тбилисы 2917 азы ацыд. Ацы хатт Молдовæйы цæугæ рабадтæн, Гуырдзыстонæй вицек-премьер, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министр Леван Давиташвили, фысым бæстæйæ та Респбуликæйы премьер-министры хæдивæг, экономикæйы райрæзты æмæ цифрон скæныны министр Димитру Алаиба къухдариуæг кодтой.
«Ныфс нæ ис, нæ бæстæтæ тагъд баиу уыдзысты европаг бинонтæм. Абоны фембæлд фæарфдæр кодта нгæ хæлардзинад æмæ сарыта ног фадæттæ фидæны æмгуыстадæн» – райхъусын кодта Леван Давиташвили.
Гуырдзыстон-Молдовæйы æхсæнхицауадон экономикон комиссйы радон рабадт Тбилисы ацæудзæн.
Информаци хъусын кæны экономикæйы министрады пресс-куыст.