Леван давиташвили – хъахъхъæд территоритæм визиторты нымæц ацы аз аст процентæй фæфылдæр ис
Æрдзы хъахъъхæды æмæ хъæууон хæдзарады министртæм кандидат Леван Давиташвили комитетон байхъустыл дзырдæй ралæуды рæстæджы, бæстæйы хъахъхъæд территориты райтынгыл фæныхас кодта.
Леван Давиташвилийы фидиуæнæй, æнæкæсгæ бæстæйы туризмы секторы уæвæг проблемæтæм, 2019 азы фыццаг фараст мæйы мидæг раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ, хъахъъхæд территоритæм визиторты нымæц аст процентæй, æрмæст æфтиæгты нымæц та 30%-æй райрæзтис.
Министртæм кандидат йæ хъусдард раздæхта бæстæйы хъахъъæд территориты фæзуаты рæзтыл. Фæстаг азы территориты фæзуат 11 процентæй райрæзтис æмæ фидæнмæ хъахъъхæд территориты фæзуаты рæзт, план кæны 100 000 гектрæй. Фæнысан кæнинаг у цæмиæй цыппар хъахъхъæд территори Гуырдзыстонæй фыццаг хатт сты бавдыст ЮНЕСКО-йы æрдзон бындарады фадыгы статус райсынмæ.
Леван Давиташвилийы дзырдæй, хъахъæд территориты агентад активонæй кусы экотуристон инфраструктурæ айтынгыл. Фæстаг азты мидæгн ацы æрдæм 20 милуан лари бахардз ис. Комитетон байхъусытыл афтæдæр банысан ис, цæмæй хъахъхъæд территориты райтынг сæрмагондæй дзæбæх æндавы бынæттон цæрджытæм, уымæн æмæ туристты нымæцы рæзтæ хуыздæр кæны сæ цæрæн уавæрты æмвæзад.