Леван Давиташвили – Гуырдзыстоны финансон системæ æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ  архайы,  бынтон  цух сты «сау хца» æмæ исты типы  рискытæ
Леван Давиташвили – Гуырдзыстоны финансон системæ æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ архайы, бынтон цух сты «сау хца» æмæ исты типы рискытæ

Гуырдзыстон у алы  уыцы бадзырды хай, кæцы Гуырдзыстоны æнæзаконон æфтиæгты   зилдухы превенци кæны –  уый фæдыл вице-премьер, экономикæ æмæ æнæцудгæ рæзынады мнистр  Леван Давиташвили а.х.  сау хцайы фæдыл лæвæрд фарсты дзуаппæн загхта.

Афтæма  йæ дзырдæй,  зæгъгæ хцайы къадаты зилдухы фæдыл ис  мониторингы  системæ, кæцыйæн дырыс мониторинг кæнынц  Национ Банк  æмæ  æмбæлгæ структурæтæ.

«Сау хцайы» тыххæй куы зæгъæм,  уый  гæнæн бынтон  дæр нæй æмæ  кæд  дзы цъус  уæддæр æмбары  адæймаг ацы  фадыгы, уæд  йæ бон  у  информаци райсын, цæмæй Гуырдзыстоны финансон системæ  абон  архайы  æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ.

Гуырдзыстон у ацы æрдгæй  æхсæнадæмон æмгарады  аккаг  уæнг, цы ран  нæй  гæнæн исты типы транзакцитæ æмæ рисктæ.  Гуырдзыстон у  алы  уыцы бадзырды хай, кæцы превенци кæны Гуырдзыстоны æнæзаконон æфтиæгты   зилдух. Ис  рискыл  бындурæвæрд  цæстдарынады æмæ   монторингы  системæ, сæ нымæцы  хцайы къадаты  змæлды фæдыл, кæцыйы  дырыс  мониторинг кæнынц  Национ Банк æмæ æмбæлгæ  структурæтæ»- райхъусын кодта уый.

Леван Давиташвилийы  æмбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ, Гуырдзыстоны стыр банктæн, кæцытæ  бавдыст сты æхсæнадæмон фондон биржæтыл, архайынц  уæлæмхас  инструменттæй «Сау Хцайы»  сæрæй  аиуварс кæнынæн.  Уый тыххæй дæр, Леван Давиташвилийы  фидиуæнæй, Гуырдзыстоны ацы  тас нæй.