Леван Давиташвили – фæнды нæ Украинайæ лигъдон цæрджытæн максималонæй сæ къух ацаразæм
Вице-премьеры, экономикæйы æмæ æнæцудгæ рæзынады министр Леван Давиташвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны ис Украинайæ лигъдон 20 000-ы онг украинаг æмбæстаг. Афтæма йæ дзырдæй, ацы бæрæггæнæнтæ дырыс не сты.
«Украинайæ лигъдон цæрджыты тыххæй куы зæгъæм, уæд махмæ сты цалдæр мин украинаг, 20000-ы онг украинаг æмбæстагы тыххæй райхъусын кодта йæхæдæг Украинайы минæварад. Кæй зæгъын æй хъæуы, фиксир кæнынц æрбацыдтæ æмæ ацыдтæ дæр, уымæ æмбæлгæйæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм 20 000-æ æввахс. Дырыс бæрæггæнæнтæ зын у, сфиксир кæнын, уымæн æмæ бирæтæ хæсты размæ æрцыдысты æмæ баззадысты хæсты периоды. Хæст райдаыны фæстæ æрцыд 20000-æй фылдæр, фæлæ дзы цæугæ дæр бирæтæ кодтой», – райхъусын кодта Леван Давиташвили.
Фарстыл «цæуынц æви нæ бадзырдтæ евроцæдисимæ, цæмæй лигъдæтты райсынæн нын рауæлдай кæной суммæ афтæ куыд Молдовæйæн», Давиташвили дзуаппæн банысан кодта, цæмæй партнертимæ фæныхас кодтой, фæлæ ацы этапыл украинаг æмбæстæгтæн баххуыс кæнынæн архайынц æнæхъæнæй падзахадон ресурстæй.