Леван Давиташвили – дзулы фæзынаргъæн ницы бындур ис, æргътæ æнæивгæ уыдзысты
Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон ресурсты министр Леван Давиташвили дзул-продуктты æмæ мæнæуы кондады амалиуæгдæрттимæ фембæлд. Уый фæдыл информацийы, хъæууон хæдзарады министрад хъусын кæны.
«Пандемийы фоныл Дунейы уæвæг экономикон уавæрмæ гæсгæйæ, ис нын регулярон фембæлдтæ бизнес-секторы минæвæрттимæ. Радон кусæн фембæлд нын уыд мæнæуы æмæ дзул-продуктты амалиуæгдæрттимæ. Дзулыл æргъты фæзынаргъы бындур нæй. Æххæст кæнæм мæнæуы фæстауæрцы иудадзыг мониторинг. Ницы куылымпыдзинад ис нæдæр дзулы æмæ нæдæр ссадæй ифтонгады; æргътæ æнæивгæ уыдзысты», – фехъусын кодта министр.