Леван Давиташвили Азийы инфраструктурæйы инвестицион банкы ввице-президентимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны вице-премьер, экономикæ æмæ æнæцудгæ райрæзты министр Леван Давиташвили Азийы инфраструктурæйы æмæ инвестицион банкы (AIIB) вице-президентимæ Константин Лимитовскиимæ фембæлдис.
Экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрæзты министрады пресс-куысты хуъсинагæй, фембæлдыл каст уыдис банкы фидæнон куысты приоритетон æрдæмадтæ Гуырдзыстоны.
«Ориентацигонд стæм дæргъвæтин потенциалæй эффективонæй спайда кæнæм структурон реформæты æмæ сæйраг инфраструктурон инвестицитæн, цахæмдæр у Сау денджызы донбын кабел, Анаклиайы æрфдойнон порт æмæ а.д.», – банысан кодта Леван Давиташвили AIIB-ы вице президентимæ ныхасы рæстæджы.
AIIB-ы вице-президент акцент сарызта Гуырдзыстонимæ æнтыстджын, фæстиуæгджын æмгуыстады фæдыл æмæ уыимæ, Банкы номæй йæ дарддæры райрæзтмæ цæттæдзинады тыххæй загъта.