Гуырдзыстоны вице-премьер, экономикæ æмæ æнæцудгæ рæзынады министр Леван Давиташвили кусæн визитæй ныццыд АИШ-æм.
АИШ-ы Гуырдзыстоны минæвары, Давит Залкалианийы «Фейсбук» официалон фарсыл куыд у банысангонд, визиты фæлгæтты цæуынц нысаниуæгджын бæрзонд æмвæзады фембæлдтæ Гуырдзыстон-АИШ-ы экономикон æмгуыстад фæарфдæр кæнынæн.
«Банысан кæнын хъæуы, вице-премьеры фембæлд АИШ-ы базарадон минæваримæ (USTR) Кэтрин Тайсимæ. Ахæм бæрзонд æмвæзады позитивон фембæлд, кæцыйы азты дæргъы кусæм , хахх кæны Гуырдзыстон-Аиш-ы экономикон æмгуыстады нысаниуæг æмæ дыууæфарсон базарадон режим фæхуыздæры æнæмæнгхъæуындзинад. Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн угъдибар базарады бадзырд уыдзæн политикон æмæ экономикон интересты арвистон æмæ АИШ-ы экономикон интересты райрæзты фæдыл бæрæг æрвитæггаг, кæцы ахъаззаг уыдзæн Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграцийы тырнынадтæ æмæ экономикон рæзынадæн, уый нымæцы базарады диверсификацийы домæнтæн.
Вице-премьермæ уыдис уæрæх æмæ æппæтылæххæссæг ныхас АИШ-ы æхсæнадæмон рæзынады финансон корпорацийы æххæстгæнæг директоримæ Скотт Натанимæ. Фембæлдыл банысан ис, цæмæй АИШ-ы æхсæнадæмон рæзынады финансон корпораци – «Development Finance Corporation» – (DFC), адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны уыцы къабæзтæн æххуыс кæнын, цахæм у финансон сектор, туризм, æнæнизхъахъхъæд, амалиуæгад, ноггæнгæ энергийы равзæрæнты рапарахат æмæ нд. Ацытæккæ, организаци Гуырдзыстоны, 12 проект æххæст кæны, кæцыты æмтгæйон аргъ у 188 млнАИШ доллары бæрц. Æмтгæй райсгæйæ та агентад Гуырдзыстоны 750 млн АИШ долларæй фылдæр суммæйы инвестици сыххæст кодта. DFC иттæг нысаниуæгджын роль æххæст кæны Гуырдзыстоны экономикон рæзынады. Ацы контексты, DFC-ы регионон оофисты байгом нæ бæстæйы æмæ регион АИШ-ы экономикон интересты райрæзын кæныны фæдыл цæстæйуынгæ сигнал уыдзæн»- банысангонд у информацийы.